Шуя
Сахар | |||||
Шуя | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Шуя | |||||
|
|||||
56°51′00″ с. ш. 41°22′00″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Ивановойы облæст | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1539 | ||||
Фыццаг кой | 1539 | ||||
Сахар кæдæй | 1778 | ||||
Фæзуат | 33,29 км² | ||||
Центры бæрзæнд | 100 м | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘57 039[1] адæймаджы (2020) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 49351 | ||||
Посты индекс | 185504 | ||||
okrugshuya.ru | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Шу́я (уырыс. Шуя) у Уæрæсейы Ивановойы облæсты стырдæр сахартæй æртыккаг. Цæрынц дзы 57 мин адæймаджы.
Шуя у Уæрæсейы рагондæр сахартæй иу. Йæ бындур æвæрд æрцыд XIV æнусы, чингуытæ та йæ кой фыццаг хатт скодтой 1539-æм азы — уыцы аз Хъазаны хан Сафа-Гирей ныддæрæн кодта цалдæр уырыссаг сахары, уыдоны ’хсæн Шуя дæр.
1722-агæм аз, Персимæ цæугæйæ, Шуямæ æрбацыд Пётр I. Таурæгъмæ гæсгæ, ам паддзах цыдæр низæй йæхи сдзæбæх кодта æвдадзы Мадымайрæмы иконæйы æххуысæй, æмæ уый фæстæ Пётры æрфæндыд уыцы иконæ Бетъырбухмæ ахæссын. Бынæттон цæрджытæ, дзуары сурæтæн стыр аргъ чи кодта, зæрдиагæй куырдтой паддзахы, цæмæй ма ахастаид Мадымайрæмы сурæт, æмæ паддзах уыдонимæ сразы ис.
Незамантæй Шуя уафæн амалиуæгæй цардис. XVIII æнусы та ам фæзындысты фыццаг уафæн мануфактурæтæ.
Сахары рæсугъддзинад кодтой аргъуантæ, 1917-æм азы ам ссæдз аргъуанæй фылдæр уыдис.
Зындгонд Шуяйы цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]- Шуяйы райгуырд зындгонд уырыссаг поэт, уырыссаг поэзийы «Æвзист æнусы» минæвар æмæ уырыссаг символизмы бындурæвæрæг Константин Бальмонт.
- Боровков, Дмитрийы фырт Виктор Дмитриевич — Советон Цæдисы Хъæбатыр
- Цветаев, Владимиры фырт Иван, уырыссаг ахуыргонд, Марина Цветаевайы фыд
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.